Текст песни осетинская героическая песня - газданты авд афсымары зараг

Тохмæ, тохмæ, Германы хæстмæ

Райгуырæн зæхх сидт йæ хъæбултæм.

Уæд Гæздæнты авд æфсымæры

Хастой цардæн кад.



Мад О, мæ хъæбултæ О, мæ авд хуры

Мады зæрдæ уæ судзгæ агуры.

Иу уæ нал æрцыд тохы быдырæй,

Нал дæр уæнгцухæй,

Нал дæр сау куырмæй...



Иу уæ нал загъта

О, мæ ныййарæг

Нал æрыздæхтис

Авдæй иу дарæг...



Тохмæ, тохмæ, Германы хæстмæ

Райгуырæн зæхх сидт йæ хъæбултæм.

Уæд Гæздæнты авд æфсымæры

Хастой цардæн кад.

осетинская героическая песня - газданты авд афсымары зараг